6 Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый.
Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.
Тӕрсын, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд куы бамбарӕм, нӕдӕр ӕз, нӕдӕр сымах кӕй не стӕм, кӕрӕдзийы нӕ цавӕрӕй фенын фӕндыд, ахӕмтӕ; куы уӕм ӕрӕййафон хъаугъатӕ, хӕлӕг, маст, кӕрӕфдзинад, хахуыртӕ, фыдгой, схъӕлдзинад ӕмӕ змӕстытӕ…
Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.
Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый сӕрыл нӕу, ӕмӕ, цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм — фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмтӕ уӕм куы нӕ кӕсӕм, уӕд дӕр.