13 Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд! Хуыцауы уарзт ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй уе ’ппӕт дӕр хайджын ут!
Кӕд уарзон салам ӕрмӕстдӕр уе ’фсымӕртӕн дӕттут, уӕд уым уадиссагӕй цы ис? Муртаттӕгтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?
Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. Саламтӕ айсут Чырыстийы ӕппӕт аргъуантӕй.
Саламтӕ раттут уе ’ппӕт хистӕртӕн ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджытӕн. Саламтӕ уын дӕттынц италиаг уырнджытӕ.
Саламтӕ уын ӕрвитынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк.
Салам дын ӕрвитынц, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, дӕ уыцы хойы сывӕллӕттӕ.
мӕ зӕрдӕ дарын дӕу рӕхджы феныныл, ӕмӕ уӕд лӕгӕй-лӕгмӕ фӕныхас кӕндзыстӕм.