Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕниу мӕ мӕхицӕй раппӕлын куы бафӕнда, уӕд дӕр ӕнӕзонд нӕ уыдзынӕн — раст цы у, уый зӕгъдзынӕн. Фӕлӕ мӕхиуыл куы фӕхӕцон, уӕд хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй мӕ исчи, куы мӕ фӕуыны ӕмӕ мӕм куы фӕхъусы, уӕд ӕм куыд фӕкӕсын, уымӕй хуыздӕр ма фенхъӕла.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 12:6
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕд афтӕ нӕу, уӕд мӕ багӕды кӕнут, мӕ ныхӕсты ныхмӕ исты зӕгъут».


Чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕцӕгдзинад дзурын, нӕ сайын; ӕвдисӕн та мын у, Сыгъдӕг Уды дӕлбар чи ис, мӕ уыцы ӕфсарм.


Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.


Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.


Зӕгъын ма уын: ӕнӕзондыл мӕ мачи нымайӕд. Фӕлӕ мӕ кӕд ӕнӕзондыл нымайут, уӕддӕр мыл барвӕссут ахӕмӕй дӕр, цӕмӕй уын ӕз дӕр иу гыццыл раппӕлон мӕхицӕй.


Нӕ Бардарӕг Йесойы Фыд ӕй зоны, мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ!


Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.


Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд.


Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый ӕцӕг куыд у, афтӕ, Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст рауадысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ