Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 12:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 систӕуыди дзӕнӕтмӕ ӕмӕ фехъуыста, ӕвзагыл чи нӕ бады ӕмӕ адӕймаг кӕй хъуамӕ басусӕг кӕна, ахӕм ныхӕстӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 12:4
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ бирӕ къабузтӕй йӕ сфӕлыстон Мӕхӕдӕг, хӕлӕг ӕм кодтой Едемы бӕлӕстӕ, Хуыцауы дыргъдоны сагъд чи уыди, уыдон“».


Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».


Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыди йӕ фӕндагыл.


Ӕз адӕймаджы ӕмӕ зӕдты ӕвзӕгтыл куы дзурон, фӕлӕ мӕм уарзт куынӕ уа, уӕд ӕз дӕн зӕлланггӕнаг мырмыраг кӕнӕ зылангзӕл ӕрхуы тӕбӕгъ.


Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.


Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Бардарӕгимӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм Йемӕ.


Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи хиздзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы паддзахы бадӕн кӕм ис, уырдӕм.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн, Хуыцауы дзӕнӕты цы царды бӕлас ис, уый дыргъӕй бахӕрыны бар“.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ