Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 12:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Кӕнӕ уӕм кӕй арвыстон, кӕд уӕ, мыййаг, уыдонӕй кӕйдӕр фӕрцы исты райстон?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 12:17
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, — ницы райсдзынӕн!» Нееман ын лӕгъстӕтӕ бӕргӕ кодта, фӕлӕ йын сӕ уый уӕддӕр нӕ бакуымдта.


Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый бахардз кодта, фӕлӕ, фыддӕр уавӕрмӕ цы ӕрцыд, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы фесты.


Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр мӕнау Бардарӕгӕн кусы.


Уый тыххӕй уӕм арвыстон Тимофейы — Бардарӕгыл ӕнувыд чи у, мӕ уыцы уарзон хъӕбулы. Уӕ зӕрдыл уын ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо Чырыстийы мӕ царды куыд фӕзмын, уый; мӕ уыцы цардӕвӕрд у, алы аргъуаны дӕр цӕуыл ахуыр кӕнын, уымӕ гӕсгӕ.


Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм исты, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг?


Уымӕ гӕсгӕ ӕз бакӕнинагыл банымадтон ӕфсымӕртӕм ӕрхатын, цӕмӕй уӕм ацӕуой нӕ разӕй ӕмӕ рагацау ӕрцӕттӕ кӕной, раздӕр ныфс кӕмӕй бавӕрдтат, уӕ уыцы зӕрдиаг ӕххуыс. Ӕмӕ уӕд уыдзӕн ӕнӕбары раттынау нӕ, фӕлӕ ӕцӕг зӕрдиаг ӕххуыс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ