Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 12:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы — уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн — сӕ ныййарджытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 12:14
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рӕстуды дыргъӕй царды бӕлас сырӕзы, куырыхон адӕмы зӕрдӕтӕ йӕхимӕ ’лвасы.


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыг исбон — ныййарджыты бынтӕ, зондджын усы та Дунедарӕг ратты.


«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн сӕ фыййӕутты ныхмӕ пехуымпар ныхас фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона Израилы фыййӕуттӕн, сӕхи мӕт чи кӕны, уыдонӕн! Ау, сымах хъуамӕ уӕ дзуджы мӕт ма кӕниккат?


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл.


Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕй зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдайыл нӕ архайын, фӕлӕ бирӕты пайдайыл, цӕмӕй фервӕзой.


Кӕд исчи ӕххормаг у, уӕд йӕ хӕдзары бахӕрӕд. Уе ’мбырдтӕ уын хъуамӕ сӕ фӕдыл тӕрхон ма сайой. Иннӕ хъуыддӕгтӕ банывыл кӕндзынӕн, мӕхӕдӕг уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд.


Ӕз уӕм ӕрцӕудзынӕн, ӕгас Македонийыл куы ӕрзилон, уӕд. Уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрды Македонийыл ӕрзилын ис.


Фӕлӕ кӕд Хицауы бафӕнда, уӕд уӕм рӕхджы ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уыцы хъалтӕн бафӕлвардзынӕн сӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ сӕ хъару,


Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы Фарны Уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.


Уӕдӕ мӕ мызд цы у? Мӕ мызд уый у, ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнын лӕвар, ӕмӕ афтӕмӕй Фарны Уац хъусынгӕнӕджы бартӕй нӕ пайда кӕнын.


Ӕз никӕй дӕлбар дӕн, уӕддӕр алкӕмӕн дӕр мӕхицӕй скодтон цагъар, цӕмӕй фылдӕр адӕм Хуыцаумӕ ӕрхонон.


Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕндыди сымахмӕ раздӕр ӕрцӕуын, цӕмӕй уыл дыууӕ хатты сӕмбӕла хорзӕх.


Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.


Иннӕ аргъуантӕй уӕлдай уӕ хъыджы цӕмӕй бацыдтӕн? Кӕй уӕ нӕ батыхсын кодтон, уымӕй? Ныббарут мын мӕ ацы азым!


Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.


Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ.


Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа.


Сымах зонут: мах уӕ алкӕй дӕр хъомыл кодтам, фыд йӕ хъӕбулты куыд хъомыл кӕны, афтӕ —


Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы Фарны Уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ