13 Иннӕ аргъуантӕй уӕлдай уӕ хъыджы цӕмӕй бацыдтӕн? Кӕй уӕ нӕ батыхсын кодтон, уымӕй? Ныббарут мын мӕ ацы азым!
Уый уын — уӕ куысты ныхмӕ Фембӕлды Цатыры. Уӕхӕдӕг дӕр, уӕ бинонтӕ дӕр, кӕм уӕ фӕнды, уым ӕй хӕрут,
баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.
Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы Фарны Уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм.
Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?
Ныр цӕттӕ дӕн ӕртыккаг хатт сымахмӕ цӕуынмӕ, ӕмӕ уӕ нӕ батыхсын кӕндзынӕн. Мӕн уӕ мулк нӕ хъӕуы — уӕхӕдӕг мӕ хъӕут. Хъуамӕ ныййарджытӕн бынтӕ сӕ хъӕбултӕ ма кӕной, фӕлӕ хъӕбултӕн — сӕ ныййарджытӕ.