Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 12:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Кӕд ницы пайда у, уӕддӕр хъуамӕ раппӕлон мӕхицӕй. Райдайдзынӕн дзурын, Хицау мын цы фенын ӕмӕ раргом кодта, уыдӕтты тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 12:1
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕн та Хуыцауы Удӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны Уд систа, ӕмӕ мӕ ахаста халдейаг зӕхмӕ, хаст адӕммӕ. Ам мӕ цӕстылуайӕн фӕцыдӕр ис.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.


Уый уыди, иудейӕгтӕн афтӕ чи бауынаффӕ кодта, адӕмы сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд хуыздӕр у, зӕгъгӕ, уыцы Каиафӕ.


Иу хатт ӕхсӕвы Павелмӕ фӕзынд Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур ӕнӕрынцайгӕйӕ.


Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».


Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы пайда нӕу. Ис алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ алцы фидаргӕнӕг нӕу.


Ныр уӕм ӕрцыдтӕн, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын, зӕгъгӕ, уӕд уын цы пайда фӕуыдзынӕн, Хуыцауӕй мын цы раргом, ахӕмӕй исты — зонынад, пехуымпарад кӕнӕ ахуырад куы не ’рхӕссон, уӕд?


Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ мын алцы пайда нӕу. Ис мын алцы кӕныны бар дӕр, фӕлӕ хъуамӕ мацӕй цагъар суон.


Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.


Ахӕм адӕймагӕй раппӕлдзынӕн, мӕхицӕй та нӕ раппӕлдзынӕн. Мӕхицӕй куы ӕппӕлон, уӕд ӕрмӕстдӕр мӕ лӕмӕгъдзинадӕй.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы раргом кодта, ӕппӕт уыдӕттӕй мӕхиуыл куыд нӕ фервӕссон, уый тыххӕй мӕ буары фӕцавдӕуыд фат — сайтаны зӕд; уый мӕ мары тухӕнӕй, цӕмӕй мӕхиуыл ма фервӕссон.


фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.


Зӕгъын уын мӕ хъуыды: ацы хъуыддаг уӕ пайдайӕн у, уымӕн ӕмӕ йӕ суанг фарон фыццаг сымах райдыдтат, стӕй йӕ саразыны фӕнд дӕр фыццаг уӕхицӕй рацыд.


Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.


Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын.


Уӕлдӕр цыбырӕй куыд фыстон, афтӕмӕй мын Хуыцау раргом кодта Йӕ сусӕгдзинад.


Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Бардарӕджы ныхас у: Бардарӕджы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты.


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ