Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 11:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ уӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 11:9
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын.


баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди — цатыртӕ аразын.


Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.


Сымах мемӕ кӕй не стут, уый мын баххӕст кодтой Стефан, Фортунат ӕмӕ Ахаик. Райын се ’рцыдыл.


Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй — фӕразон стӕм нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, нӕ тыхст уавӕрты,


Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕджытӕн сӕ хъуӕгты баххуыс кӕнынӕй уӕлдай уӕ уыцы лӕггад расайдзӕн бирӕ арфӕтӕ Хуыцауӕн.


Ӕнӕмӕнг хъуыддагыл ма ноджы мӕхицӕн нымайын, бахъуаджы рӕстӕг мӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты фӕстӕмӕ арвитын.


Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.


Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.


Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ