Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 11:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Кӕйдӕр хъару куы асӕтты, уӕд исты мӕ хъару дӕр йемӕ нӕ асӕтты? Исчи куы фӕрӕдийы ӕмӕ куы фӕкӕлы, уӕд иууылдӕр не ссудзын артау?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 11:29
36 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».


Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Мах, йӕ уырнындзинад тыхджын кӕмӕн у, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст нӕхи кой ма кӕнӕм, фӕлӕ ӕнӕбонтӕн ӕххуыс кӕнӕм сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ хӕссын.


Хӕдзӕрттӕ уын нӕй, цӕмӕй хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ уым кӕнат? Ӕви Хуыцауы Аргъуан ницӕмӕ дарут? Кӕнӕ уӕм мӕгуыртыл дӕлӕмӕ хӕцын хорз кӕсы? Цы уын загъдӕуа? Ӕппӕлгӕ уӕ ракӕнон? Нӕ, уый тыххӕй уӕ нӕ раппӕлдзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.


Ӕнӕзонд, ды цы тауыс, уый нӕ райгас уыдзӕни, куынӕ амӕла, уӕд.


Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой.


Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.


Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та — тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм.


Фӕлӕ уыдон Фарны Уацы ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ сӕхи кӕй нӕ дарынц, уый куы федтон, уӕд се ’ппӕты раз Кифӕйӕн загътон: «Кӕд ды, иудейаг, муртаттагау цӕрыс, иудейаджы хуызӕн нӕ, фӕлӕ, уӕд муртаттӕгтӕй цӕмӕн домыс иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын?»


Уӕ кӕрӕдзийӕн царды уаргъ хӕссынмӕ ӕххуыс кӕнут ӕмӕ афтӕмӕй Чырыстийы ӕгъдау сӕххӕст кӕндзыстут.


зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ, дӕ фӕллой, фӕразон кӕй дӕ, ӕнӕуаг адӕмӕн кӕй нӕ быхсыс, йӕхи апостол чи хоны, уӕвгӕ та апостол чи нӕу, уыдоны кӕй бафӕлвӕрдтай ӕмӕ, мӕнгард кӕй сты, уый кӕй базыдтай, уыдӕттӕ.


Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ