28 Уымӕй уӕлдай — ӕппӕт аргъуанты сагъӕсы ӕрвылбоны уаргъ.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».
Иу цасдӕр дзы куы фӕци, уӕд араст ӕмӕ ӕрзылди Галати ӕмӕ Фригийы бӕстӕтыл, йӕ фӕндагыл фидар кодта ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад.
Йӕ балцы рӕстӕг йӕ ныхасӕй ныфс лӕвӕрдта уырнджытӕн. Афтӕмӕй бахӕццӕ Бердзенмӕ.
Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.
Ӕз хӕсджын дӕн бердзенӕгтӕй дӕр ӕмӕ гуымиры адӕмтӕй дӕр, ахуыргонд адӕмтӕй дӕр ӕмӕ ницыфенджытӕй дӕр.
Сымахӕн, муртаттӕгтӕн, зӕгъын: куыд муртаттӕгты апостол, афтӕ ӕз буц дӕн, мӕ бӕрны цы куыст ис, уымӕй.
Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд.
Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.
Ӕрмӕст алчидӕр цӕрӕд, Бардарӕг куыд снысан кодта, афтӕ ӕмӕ баззайӕд, Хуыцау ӕм цы уавӕры фӕсидти, уыцы уавӕры. Ӕз уый фӕдзӕхсын ӕппӕт аргъуантӕн дӕр.
Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ, лӕгӕй-лӕгмӕ мӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый.