27 Уӕззау куыст, ӕнӕхуыссӕг ӕхсӕвтӕ, стонг ӕмӕ дойны, уазал ӕмӕ бӕгънӕг…
«Мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзах! Ацы адӕм пехуымпар Йеремиайӕн цы бакодтой, уый стыр фыдракӕнд у! Цъайы йӕ ныппӕрстой, ӕмӕ уым сыдӕй амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ сахары дзул нал ис».
[Адоны мыггагӕн та ӕрмӕст кувын ӕмӕ ком дарыны фӕрцы ис фӕсурӕн]».
Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл.
Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.
Уӕ дыууӕйы дӕр куы фӕнда, уӕд ӕнӕ кӕрӕдзийӕ ут ӕрмӕстдӕр цыбыр рӕстӕгмӕ — ком даргӕйӕ ӕмӕ кувгӕйӕ, — цӕмӕй та уый фӕстӕ ӕриу уат, ӕмӕ уӕ сайтан ма мондаг кӕна, уӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй.
Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.
над ӕййафгӕйӕ, ахӕстоны, змӕст уавӕрты, уӕззау куысты, ӕгъуыссӕгӕй, ӕххормагӕй.
Цӕрын зонын гӕвзыккӕй дӕр ӕмӕ фӕрныгӕй дӕр; сахуыр дӕн кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфсӕстӕй ӕмӕ стонгӕй, парахатӕй ӕмӕ хъуагӕй цӕрыныл.
Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац.
Нӕ къӕбӕр лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕй батыхсын кӕнӕм.
Дурты бын-иу сӕ фӕкодтой, ахырхтой-иу сӕ, [ракъахыны охыл сӕ хъизӕмарӕй мардтой], карды цӕфӕй мардысты, фысдзӕрмтты ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты рахау-бахау кодтой, уыдысты мӕгуыр, цардӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст.