24 Иудейӕгты къухӕй фондз хатты бавзӕрстон фӕйнӕ нудӕс ӕмӕ ссӕдз цӕфы;
Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.
Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз.
Йӕ хицауы фӕндон зындгонд кӕмӕн уыди, афтӕмӕй цӕттӕ чи нӕ разынд ӕмӕ йӕ чи нӕ сӕххӕст кодта, уыцы цагъар баййафдзӕни карз над.