18 Сӕ зӕххон хъуыддӕгтӕй бирӕтӕ сӕхицӕй куыд ӕппӕлынц, афтӕ ӕз дӕр ӕппӕлдзынӕн мӕхицӕй.
Мах ӕнӕзонд стӕм Чырыстийы сӕраппонд, сымах та зондджын чырыстӕттӕ стут; мах ӕдых стӕм, сымах — тыхджын; сымах кадджын стут, мах — ӕгад.
Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?
цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не ’мсӕр сты, уыйау.
Кӕд ницы пайда у, уӕддӕр хъуамӕ раппӕлон мӕхицӕй. Райдайдзынӕн дзурын, Хицау мын цы фенын ӕмӕ раргом кодта, уыдӕтты тыххӕй.
Ӕз сдӕн ӕнӕзондау — уымӕ мӕ уӕхӕдӕг ӕртардтат. Уӕвгӕ та мӕ сымах хъуамӕ ӕппӕликкат. Кӕд ӕз ницы дӕн, уӕддӕр «уӕлдӕр апостолтӕй» ницӕмӕй цауддӕр дӕн.
фӕлӕ мын загъта: «Ӕгъгъӕд дын у Мӕ хорзӕх, уымӕн ӕмӕ Мӕ тых йӕ тыхы бацӕуы, адӕймаг лӕмӕгъ куы вӕййы, уӕд». Уымӕ гӕсгӕ ӕз зӕрдиагдӕрӕй ӕппӕлдзынӕн, ӕдых кӕй дӕн, уымӕй, иудадзыг Чырыстийы хъаруйӕ хайджын куыд уон, афтӕ.
Уымӕ гӕсгӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй никӕмӕуал кӕсӕм. Кӕддӕр ахӕм цӕстӕй кастыстӕм Чырыстимӕ, ныр та Йӕм нал кӕсӕм.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у, йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс: кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,