6 Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр.
Ӕгъдауӕй ӕппӕлыс, фӕлӕ Ӕгъдау халыс ӕмӕ уымӕй ӕгад кӕныс Хуыцауы.
Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон ӕви уарзтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕимӕ?
Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.
Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.
Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут.
Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной.
Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы, ӕмӕ йӕм уый дӕр фаг нӕ кӕсы, фӕлӕ ма ӕфсымӕрты йӕхӕдӕг дӕр нӕ уазӕг кӕны ӕмӕ сӕ суазӕг кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн дӕр ӕвӕры цӕлхдуртӕ ӕмӕ сӕ тӕры аргъуанӕй.