4 Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.
Стыр сты Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, уарзон кӕмӕн сты, уыдонӕн — бӕллиццаг.
Фыдгултӕ цагъды куы фӕуой, сӕ фидӕрттӕ куы ныппырх уой, уыцы бон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтӕй азгъордзысты суадӕттӕ, къададӕттӕ.
Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».
— Ау, Мӕ ныхас арты, къӕдзӕхсӕттӕг дзӕбуджы хуызӕн нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг.
Моисейы сахуыр чындӕуыд, мысыраг куырыхонтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттыл, уый уыдис тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
Ӕхсӕв фӕивгъуыйы, бон та ӕрбахӕстӕг ис. Уӕдӕ ныууадзӕм талынджы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕхи сифтонг кӕнӕм рухсы хотыхтӕй.
Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.
цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур уа адӕймаджы уӕлзонд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъару.
Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза?
Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Бардарӕг махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.
Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.
ӕцӕгдзинады дзырд, Хуыцауы хъару. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.
Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.
Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.
Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.
Авд боны дӕргъы Йерихоны алыварс израилӕгтӕ цалдӕр хатты куы ӕрзылдысты, уӕд сӕ уырнындзинады фӕрцы ӕркалдысты йӕ къултӕ.
Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.