Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уымӕн ӕмӕ, кӕд адӕймаджы буары цӕрӕм, уӕддӕр адӕймаджы фӕрӕзтӕй нӕ тох кӕнӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 10:3
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Удӕгасӕй мах нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды уацары уыдыстӕм ӕмӕ, Ӕгъдау цы чъизи монцтӕ цырен кодта, уыдон хӕлбурцъ кодтой нӕ буары ӕмӕ куыстой мӕлӕтӕн.


Кӕд тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕсӕй цӕрут, уӕд амӕлдзыстут; фӕлӕ кӕд Уды хъаруйӕ буары тӕригъӕдджын хъуыддӕгтыл тых кӕнат, уӕд цӕрдзыстут.


цӕмӕй, Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды ӕмӕ мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды коммӕ кӕсгӕйӕ.


Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?


Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.


Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.


Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау.


Тох кодтон хъӕбатырӕй, мӕ фӕндагыл ацыдтӕн кӕронмӕ, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон.


Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ