Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Чырыстийы сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕйы хатырӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд мӕ, курын уӕ, ахӕм уавӕры ма сӕвӕрут, ӕмӕ мӕ мӕхи хъӕбатыр ӕмӕ ныфсхастӕй равдисын куыд бахъӕуа: мӕхи ахӕмӕй равдисын мӕ бон у, мӕнӕй афтӕ ӕнхъӕл чи у, ӕз дӕр, ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын, уыдоны раз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 10:2
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.


цӕмӕй, Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды ӕмӕ мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды коммӕ кӕсгӕйӕ.


Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕстӕ тырнынц, сӕ ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ; Удӕн коммӕгӕстӕ та — Уды цы фӕнды, уымӕ.


Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?


Худинаг мӕм кӕсы, фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕттын: уыдонимӕ абаргӕйӕ, мах ам, ӕвӕццӕгӕн, лӕмӕгъ разындыстӕм! Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр — ме ’нӕзондӕй йӕ зӕгъын — мӕ ныфс хӕссын.


Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.


Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ