17 «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй».
Тӕхудиаг у, Хуыцауы амындтытӕ сӕйраг кӕмӕн сты ӕмӕ ӕдзух рӕстӕй чи цӕры, уый!
Фыр стонг ӕмӕ фыр дойныйӕ арвмӕ асинтӕ амадтой, сӕ уд удыл нал хӕцыди.
Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».
Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр.
Зӕххыл арфӕ чидӕриддӕр кура, уый скувдзӕн иузӕрдион Хуыцаумӕ, зӕххыл чидӕриддӕр ард хӕра, уый сомы ракӕндзӕн иузӕрдион Хуыцауӕй». Дунедарӕг зӕгъы: «Уӕ хъизӕмӕрттӕ уӕ ферох уыдзысты, уӕ цӕстӕй дӕр сӕ нал фендзыстут.
Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.
ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.
цӕмӕй ӕрцӕуа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй».
Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.