Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 10:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уымӕн ӕмӕ чидӕртӕ зӕгъынц: «Йӕ фыстӕджыты домаг ӕмӕ тыхджын у, лӕгӕй-лӕгмӕ та — лӕмӕгъ, йӕ ныхас нӕ ахады».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 10:10
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Моисей Дунедарӕгӕн загъта: «О Бардарӕг! Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн. Амӕй размӕ дӕр нӕ уыдтӕн ӕмӕ ныр дӕр, Ды мемӕ, Дӕ цагъаримӕ, куы ныхас кӕныс, уӕд дӕр. Къӕзӕнӕг дӕн, ме ’взаг мӕ дзыхы дзӕбӕх нӕ тасы».


Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».


Чырысти мӕн аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ — куырыхон ӕмӕ вазыгджын ӕвзагӕй нӕ, фӕлӕ хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй, цӕмӕй Чырыстийы дзуарӕн йӕ нысаниуӕг ма фесӕфа.


Хуыцау Йӕ зондмӕ гӕсгӕ куыд снысан кодта, афтӕ дуне йӕхи зондӕй Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы бафӕндыди дзуары тыххӕй «ӕдылы» Уацы фӕрцы уырнджыты фервӕзын кӕнын.


Лӕгӕй-лӕгмӕ уемӕ ӕнӕныфсхаст чи у, уӕ фӕсаууонмӕ та — сӕрӕн, ӕз уыцы Павел дӕн.


Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд.


Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ уӕ тӕрсын кӕнын мӕ фыстӕджытӕй.


Худинаг мӕм кӕсы, фӕлӕ йыл уӕддӕр сӕттын: уыдонимӕ абаргӕйӕ, мах ам, ӕвӕццӕгӕн, лӕмӕгъ разындыстӕм! Кӕд исчи истӕмӕй раппӕлынмӕ йӕ ныфс хӕссы, уӕд ӕз дӕр — ме ’нӕзондӕй йӕ зӕгъын — мӕ ныфс хӕссын.


Рӕсугъд дзурынмӕ нӕ арӕхсын, зонынадӕй та ӕнӕхай нӕ дӕн — уый уын мах равдыстам алцӕмӕй дӕр.


Уымӕн ӕмӕ сымах, Чырысти мӕ дзыхӕй дзуры ӕви нӕ, уымӕн исты ӕвдисӕйнӕгтӕ домут. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе ’хсӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ