Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Азийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 1:8
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын.


Не ’хсӕн ис парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ еламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудей ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Азийы,


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз уӕм бирӕ хӕттыты кӕй хъавыдтӕн фӕцӕуынмӕ, фӕлӕ мӕ нырмӕ цыдӕр аххосӕгтӕ кӕй къуылымпы кодтой, иннӕ адӕмтӕм мын куыд бантыст, сымахмӕ дӕр мӕ тауинагӕй ахӕм тыллӕг райсын.


Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом мӕлгӕ кӕндзыстӕм!»


кӕд мӕ ныхмӕлӕуджытӕ бирӕ сты, уӕддӕр мын уым ис сӕрибар ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусыны фадат.


Сымахмӕ ныридӕгӕн фагӕй фылдӕр ис ӕппӕт дӕр, ныридӕгӕн схъӕздыг стут, ӕнӕ мах систут паддзӕхтӕ. Бӕргӕ паддзахиуӕг ӕцӕгӕй куы кӕниккат, цӕмӕй мах дӕр уемӕ суӕм паддзӕхтӕ!


Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм.


ӕнӕхъуыстгонд нӕ хонынц, фӕлӕ нӕ бирӕтӕ зонынц; нымайынц нӕ мардыл, фӕлӕ удӕгас стӕм; мардӕфхӕрд нӕ кӕнынц, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.


Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».


Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ