Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у сымах ныфс бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд уый у сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах дӕр кӕй ӕвзарӕм, уыцы хъизӕмӕрттӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 1:6
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ афон куы ӕрцыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ нӕ фӕдыл фӕссахармӕ рацыдысты. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг кодтам ӕмӕ скуывтам.


Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.


Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се ’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не ’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы.


Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?


Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз, Павел, сдӕн Йесо Чырыстийы ахӕст — сымах, муртаттӕгты, сӕраппонд.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.


уымӕн ӕмӕ зонын: уӕ куывды руаджы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Уды ӕххуысӕй уый мӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн фервӕзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ