Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се ’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не ’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 1:4
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.


Уый денджызы дӕттӕ ’рбамбырд кодта лалымау, ӕнӕбын хуыдымты бафснайдта дон.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Уӕ Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ныфс бауадзут, ныфс, Мӕ адӕмы зӕрдӕйы!


Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Ныр Дунедарӕг барӕвдаудзӕни Сионы, ногӕй йын рацараздзӕни йӕ хӕлддзӕгтӕ, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕни дзӕнӕт, сыгъд быдыр та — Дунедарӕджы дыргъдон. Цинӕй дзы райдзысты адӕм, кад кӕндзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Йын зардзысты.


Уӕлахизы хъӕр, цины хъӕр кӕнут иумӕ, Йерусалимы хӕлддзӕгтӕ! Дунедарӕг батӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, ссӕрибар кодта Йерусалим.


Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн.


Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.


Ӕмӕ нӕ уымӕй барӕвдыдтат. Мах кӕй барӕвдыдтат, уымӕй фылдӕр та Титы циныл райӕм — сымах ын уе ’ппӕт дӕр фестут удӕнцойы хос.


Ӕз уыл тынг ӕууӕндын, тынг буц уӕ дӕн. Не стыр зынты дӕр ӕз дӕн ныфсджын, ӕмӕ кӕрон нӕй мӕ цинӕн.


Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.


Уыцы ныхӕстӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзи.


Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.


Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ