24 Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах уӕ уырнындзинадӕн ӕлдариуӕг кӕнӕм. Мах уе ’мкусджытӕ стӕм уӕ цины сӕраппонд, уымӕн ӕмӕ фидар у уӕ уырнындзинад.
ӕмӕ уыйадыл йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ цӕл кӕнын ӕмӕ нуазын куы райдайа,
Ома кӕрӕдзийы сфидар кӕнӕм нӕ иумӕйаг уырнындзинадӕй, ӕз — уӕ уырнындзинадӕй, сымах — мӕ уырнындзинадӕй.
Афтӕ у. Уыдон асастысты, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыди, уый тыххӕй, ды та дӕ уырнындзинады фӕрцы фидар дӕ. Ӕмӕ сӕрыстыр ма у, фӕлӕ дӕм тас уӕд.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.
Ноджы ма уын иу хатт уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын, ӕфсымӕртӕ, ӕз уӕм цы Фарны Уац ӕрхастон, уый; сымах ӕй райстат уӕ зӕрдӕмӕ, сси уӕ царды бындур.
Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.
Сымах быхсут, йӕхицӕн уӕ цагъартӕ чи кӕны, уӕ мулк уын чи хӕры, цумагӕнӕн уӕ чи аразы, ӕнӕввӕрсонтӕ уыл чи кӕны, цӕвынӕй уыл чи нӕ ауӕрды, уыдоны.
Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.
цӕстӕй цы уынӕм, уый нӕ, фӕлӕ уырнындзинады фӕрцы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ.
Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг.