Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 1:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Сыгъдӕг Уд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 1:22
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».


Йӕ ныхасыл ын чи ӕууӕнды, уый та уымӕй ӕвдисы, Хуыцау ӕцӕг кӕй у, уый.


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.


Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ — Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Чырыстийы Уд кӕмӕ нӕй, уый та Чырыстийы нӕу.


Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Сыгъдӕг Удӕй.


Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.


Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны.


Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хуыцау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Дунедарӕджы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕдӕй йӕхи хизӕд».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


«Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты тӕрныхтыл мыхуыр сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут нӕдӕр зӕххӕн, нӕдӕр денджызӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн».


Уыдонӕн бафӕдзӕхстӕуыд, цӕмӕй знаггад ма кӕной нӕдӕр зӕххон кӕрдӕгӕн, нӕдӕр зайӕгхалӕн, нӕдӕр бӕлӕстӕн, фӕлӕ — йӕ тӕрныхыл Хуыцауы мыхуыр ӕвӕрд кӕмӕн нӕй, ӕрмӕст уыцы адӕмӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ