Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Коринфӕгтӕм 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ ӕвдисӕн у, мах уын цы фӕзӕгъӕм, уый уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» кӕй нӕу.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Коринфӕгтӕм 1:18
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Йесо, Кувӕндоны амонгӕйӕ, хъӕрӕй загъта: «Зонут Мӕ уӕдӕ, нӕ? Ӕмӕ суанг, кӕцӕй дӕн, уый дӕр зонут? Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн — ӕууӕндӕн Кӕуыл ис, Уый Мӕ рарвыста, фӕлӕ Йӕ сымах нӕ зонут.


Мӕ бон у сымах тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зӕгъын ӕмӕ уын стӕрхон кӕнын. Фӕлӕ Мӕ Рарвитӕг ӕцӕгдзинад дзуры, ӕмӕ Ӕз, Уымӕй цы фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр уый дзурын дунейӕн».


Уымӕн ӕмӕ иузӕрдион у Хуыцау, Йӕ Фырт ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ уын бастдзинад саразыны охыл сымахмӕ Чи фӕсидти, Уый.


Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.


Нӕ Бардарӕг Йесойы Фыд ӕй зоны, мӕнг кӕй нӕ зӕгъын, уый. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ!


Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.


Мах вӕййӕм нымад ӕмӕ ӕгад, фӕдзурынц нӕ ӕвзӕр ӕмӕ хорз. Нымайынц нӕ фӕлитойтыл, мах та стӕм раст;


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан:


Филадельфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг Чи у, Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, сӕхгӕнӕн ӕй куыд нӕ уа, афтӕ дуар Чи байгом кӕны ӕмӕ, байгом кӕнӕн ын куыд нӕ уа, афтӕ йӕ Чи сӕхгӕны, Уый:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ