16 Мӕ зӕрды уыди, Македонимӕ цӕугӕйӕ, сымахмӕ фездӕхын, стӕй уӕм Македонийӕ ногӕй ӕрцӕуын, цӕмӕй мӕ сымах Иудеймӕ цӕуынмӕ срӕвдз кӕнат.
Аргъуан сӕ фӕндагмӕ срӕвдз кодта, ӕмӕ ацыдысты Финики ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕгтӕ кӕй здӕхынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.
Фӕлӕ афон куы ӕрцыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ нӕ фӕдыл фӕссахармӕ рацыдысты. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг кодтам ӕмӕ скуывтам.
Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
Ӕнӕрвӕссонтӕ йыл мачи кӕнӕд. Ифтонгӕй йӕ фарнимӕ афӕндараст кӕнут, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ — иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.