14 Иу цасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Бардарӕг Йесойы ӕрцыды бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та — сымахӕй.
Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Ӕмӕ уӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти сфидар кӕндзӕни кӕронмӕ, цӕмӕй Йе ’рцыды бон уат ӕназым.
Фыццаджыдӕр, ӕз хъусын, зӕгъгӕ, аргъуанмӕ куы ӕрцӕут, уӕд фӕкъордтӕ вӕййут, ӕмӕ афтӕ кӕй у, уый мӕ иуӕрдыгӕй уырнгӕ дӕр кӕны.
Ӕфсымӕртӕ, ӕз алы бон дӕр мӕлгӕ кӕнын: нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы сымахӕн цы сарӕзтон, ӕз уымӕй буц дӕн, ӕмӕ мын уый дӕтты афтӕ зӕгъыны бар.
Ӕмӕ кӕд исчи искӕй зӕрдӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ — ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ мӕ фӕнды — иу цасдӕр уе ’ппӕты дӕр.
Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ, ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.
Уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый мӕнӕн зындгонд у, ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын македойнӕгтӕн, Ахайы уырнджытӕ суанг ивгъуыд азӕй нырмӕ ӕххуысмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, сымах ӕнувыд кӕй стут, уый бирӕты сразӕнгард кодта.
цӕмӕй уӕ бон уа, хуыздӕр цы у, уый раиртасын. Уӕд Чырыстийы ӕрцыды бон уыдзыстут сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау,
Ӕмӕ та уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд уын мӕ фӕрцы фылдӕр фадат уыдзӕн, Йесо Чырыстийы руаджы уын цы бантыст, уымӕй раппӕлынӕн.
Сымахмӕ уыцы хорз хъуыддаг чи райдыдта, Уый йӕ Йесо Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ кӕндзӕн, ууыл ӕз фидарӕй ӕууӕндын.
Парахат кӕнут царддӕттӕг ныхас. Ӕмӕ, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд мӕ бон раппӕлын уыдзӕни, дзӕгъӕлы кӕй нӕ архайдтон, стӕй дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон, уымӕй.
Уӕдӕ, зӕрдӕйӕ кӕй уындмӕ бӕллын, мӕ цин ӕмӕ мӕ хӕрзиуӕг чи у, мӕ уыцы уарзон ӕфсымӕртӕ, фидар лӕуут, Бардарӕгыл ӕууӕндгӕйӕ.
цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе ’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. Аммен.
Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ.