1 Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейӕ — Хуыцауы аргъуанмӕ Коринфы, стӕй ӕгас Ахайы ӕппӕт сыгъдӕджытӕм.
Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.
Уымӕн ӕмӕ Македони ӕмӕ Ахайы уырнджыты бафӕндыд, Йерусалимы сыгъдӕджытӕй мӕгуыр чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын.
Саламтӕ уын ӕрвитынц ме ’мкусӕг Тимофей, ме ’мбӕстӕгтӕ Лукий, Йасон ӕмӕ Сосипатр.
Саламтӕ — мӕ уарзон Эпенетӕн, Чырыстийыл фыццаг чи баууӕндыд Азийы, уымӕн.
Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр бердзенӕгтӕн, нӕдӕр Хуыцауы Аргъуанӕн,
Кӕд уӕм Тимофей ӕрцӕуа, уӕд бацархайут, сымахмӕ йын ӕдас цӕмӕй уа, ууыл. Уымӕн ӕмӕ уый дӕр мӕнау Бардарӕгӕн кусы.
Ахайы фыццаг чи баууӕндыди, уыдон Стефан ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ кӕй уыдысты ӕмӕ сыгъдӕджытӕн лӕггад кӕнынӕн сӕхи кӕй снывонд кодтой, уый уын зындгонд у. Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ,
Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мын уе ’ппӕт дӕр стут уарзон адӕм!
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
Ӕз, Силуан ӕмӕ Тимофей сымахӕн Кӕй тыххӕй дзырдтам, Хуыцауы уыцы Фырт Йесо Чырысти уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» нӕ уыди, фӕлӕ ӕрмӕст «о» у.
Хуыцау уыны мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мын у ӕвдисӕн: ӕз Коринфмӕ ныронг не ’рцыдтӕн, кӕй уыл ауӕрдын, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй.
Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн — ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ.
Уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдиагӕй баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, уый мӕнӕн зындгонд у, ӕмӕ мӕхицӕй ӕппӕлын македойнӕгтӕн, Ахайы уырнджытӕ суанг ивгъуыд азӕй нырмӕ ӕххуысмӕ цӕттӕ сты, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, сымах ӕнувыд кӕй стут, уый бирӕты сразӕнгард кодта.
Павелӕй, адӕмы уынаффӕйӕ нӕ, адӕймаджы фӕрцы дӕр нӕ, фӕлӕ Йесо Чырысти ӕмӕ Йӕ мӕрдтӕй райгасгӕнӕг Фыд Хуыцауы фӕндӕй апостол чи сси, уымӕй,
Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.
Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.
Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ — Фыд Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,
Павел, Силуан ӕмӕ Тимофейӕ — Хуыцауы, нӕ Фыды, ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фессалоникаг аргъуанмӕ.
Павелӕй, Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ не ’нхъӕлц Йесо Чырыстийы фӕндӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй.
Павелӕй — Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол чи у, уымӕй. Ӕз ӕрвыст дӕн, Хуыцау зӕрдӕ цы цардӕй бавӕрдта, уый тыххӕй фехъусын кӕнынмӕ — уыцы цард лӕвӕрд цӕуы Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы.
Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме ’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ
Павелӕй, Йесо Чырыстийы сӕраппонд ахӕстӕй, ӕмӕ ӕфсымӕр Тимофейӕ — нӕ уарзон ӕмкусӕг Филимонмӕ,
Хъусын уын кӕнын, не ’фсымӕр Тимофей кӕй суӕгъд, уый тыххӕй. Ӕмӕ кӕд рӕхджы ӕрцӕуа, уӕд уӕ бабӕрӕг кӕндзыстӕм иумӕ.