11 Уымӕн ӕмӕ йын «ӕгасцуай» чи зӕгъа, уый йын йӕ хӕрам хъуыддӕгты свӕййы цӕдисӕмбал.
Уымӕн ӕмӕ Ды нывонд нӕ агурыс мӕнӕй, иууылсудзинӕгтӕ Дын ӕхцон не сты.
Ӕмӕ уын, талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгты чи архайы, уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.
Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.
Ӕхсырӕй чи цӕры, уый растӕн ницы ӕмбары, уымӕн ӕмӕ нырма дзидзидай у.
иннӕты ратонут арты дзыхӕй, ӕмӕ фервӕзой, аннӕтӕм ут зӕрдӕхӕлар, фӕлӕ уӕхи хизут, сӕ тӕригъӕдджын митӕй цы дарӕс фелгъаг, суанг уымӕй дӕр куыд нӕ фӕчъизи уат, афтӕ.
Уӕларвӕй мӕм ӕрыхъуыст ӕндӕр хъӕлӕс: «Рацӕут уырдыгӕй, Мӕ адӕм, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтыл ма бафтат ӕмӕ йемӕ ӕфхӕрд ма баййафат.