Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Фессалоникӕгтӕм 3:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Нӕ фыстӕджы цы амындтытӕ ис, уыдонмӕ чи нӕ байхъуса, ахӕмы хъуамӕ зонат ӕмӕ уын йемӕ иумӕйагӕй мацы уа, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Фессалоникӕгтӕм 3:14
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«О мӕ Хуыцау! Фыр къӕмдзӕстыгӕй Дӕм мӕ цӕсгом равдисын дӕр куынӕуал уӕндын, уымӕн ӕмӕ не ’наккаг митӕ нӕ сӕрӕй фӕуӕлдӕр сты ӕмӕ нӕ азым уӕларвмӕ схӕццӕ ис.


Цӕуылнӕ хъуыстон мӕ ахуыргӕнджытӕм? Мӕ зондамонджытӕм мӕ хъус цӕуылнӕ ’рдардтон?


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы кӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не ’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд».


Уыдонмӕ дӕр куынӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн ӕмӕ, кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм, муртаттаг ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, уыцы цӕстӕй кӕс.


Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхи хизут, цӕуыл сахуыр стут, уыцы ахуырад чи ницӕмӕ дары, афтӕмӕй аргъуантӕ кӕрӕдзийӕ дих чи кӕны ӕмӕ фӕкӕлыны хос чи у, уыдонӕй — ӕмгӕрон сӕм ма цӕут.


Ӕз уыдӕттӕ уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ уӕхиуыл ӕрхудат, фӕлӕ уын, уарзон хъӕбултӕн амонӕгау, зонд амонын.


Ӕз уӕм фыстон, цӕмӕй ӕмгӕрон ма цӕуат, йӕхи ӕфсымӕр чи хоны, афтӕмӕй та хӕтаг, кӕрӕф, мӕнгхуыцӕуттӕм кувӕг, цъыфкалӕг, расыггӕнаг кӕнӕ стигъӕг чи у, уымӕ. Ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр макуы бадут.


Ӕз уӕм мӕ фыстӕджы фыстон, хӕтаг чи у, уыдонмӕ ӕмгӕрон цӕуын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй.


Ӕмӕ бынтондӕр куы басӕттат, уӕд мах цӕттӕ уыдзыстӕм цавӕрфӕнды хивӕнддзинад бафхӕрынмӕ дӕр.


Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон.


Куы ӕрымысы, йӕ коммӕ куыд кастыстут, нымдгӕнгӕ йын цы кад скодтат ӕмӕ йын цы хорз фысым фестут, уый, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн ноджы адджындӕр свӕййут.


Дӕхӕдӕг дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ, уый дӕ рох ма уӕд, ӕмӕ бӕстон ӕххӕст кӕн ацы ӕгъдау.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,


Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут.


Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсын, ӕфсымӕртӕ, мах сӕм цы ӕцӕгад ӕрхастам, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры ӕмӕ магуса чи у, ахӕм ӕфсымӕртимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд.


Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса.


Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай ӕмӕ дын дӕ ныхас куынӕ райса, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.


Ӕз дӕм ныффыстон, кӕй мӕм байхъусдзынӕ, ууыл фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ. Цӕй тыххӕй дын зӕгъын, уымӕй фылдӕр кӕй сараздзынӕ, ӕз уый зонын.


Уӕ хистӕртӕ сымах удтыл тыхсынц — сымах тыххӕй сӕ дзуапп дӕттын бахъӕудзӕн, ӕмӕ сӕм хъусут, кӕсут сӕ коммӕ, цӕмӕй кусой ӕнкъардӕй нӕ, фӕлӕ цингӕнгӕ. Ӕнкъардӕй куы кусой, уӕд уый уӕ пайдайӕн нӕу.


Чи уӕм ӕрцӕуы ӕмӕ уӕм уыцы ахуырад йемӕ чи не ’рхӕссы, уый уӕ хӕдзармӕ ма уадзут ӕмӕ йын «ӕгасцуай» ма дзурут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ