Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Фессалоникӕгтӕм 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Фессалоникӕгтӕм 3:13
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон Йерусалимӕн загъдӕуыдзӕн: «Ма тӕрс!» Сионӕн зӕгъдзысты: «Фидар лӕуу!»


Уӕхимӕ гӕсгӕ тынг бафыдӕбон кӕнут, Мӕ размӕ Мын сахъат, къуылых кӕнӕ рынчын фосы нывондӕн куы ’рбахӕссут, уӕд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ахӕм нывонд Ӕз уӕ къухтӕй куыд хъуамӕ айсон? — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо ӕмбисонд ӕрхаста:


иудадзыг хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ афтӕмӕй намыс, кад ӕмӕ ӕнӕмӕлӕтмӕ чи тырны, уыдонӕн — мыггагмӕйы цард;


Хуыцау Ын ӕппӕт Йӕ дӕлбар куы бакӕна, уӕд Фырт Йӕхӕдӕг дӕр бацӕудзӕн, ӕппӕт Ын Йӕ дӕлбар Чи бакодта, Уый дӕлбар, ӕмӕ Хуыцау алцӕмӕн дӕр ӕмӕ алкӕмӕн дӕр уыдзӕн иунӕг Хицау.


Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.


Уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты. Ӕмӕ кӕд не ’ддаг агъуд хӕррӕгъ кӕны, уӕд мидӕгӕй та бонӕй-бонмӕ ногдӕр кӕнӕм.


Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“.


Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад,


Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут.


Ӕрмӕст ӕй уе знагыл ма нымайут, фӕлӕ уе ’фсымӕрыл, ӕмӕ йын амонут зонд.


Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.


ӕмӕ уын хъӕбултау уӕ зӕрдӕ фӕфидар кӕнынӕн цы загъд уыди, уый уӕ ферох ис: «Мӕ хъӕбул, Хуыцауы ӕфхӕрдмӕ ницыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы бауайдзӕф кӕны, уӕд дӕ ныфс ма сӕттӕд,


Ды фӕразон дӕ, бирӕ бавзӕрстай Мӕ номы сӕраппонд, ӕмӕ нӕ бафӕлладтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ