10 Алы фӕливӕн митӕй сайдзӕн сӕфты къахыл лӕуджыты — уыдон сӕфынц, уымӕн ӕмӕ нӕ бауарзтой, сӕ фервӕзыны тых кӕмӕ ис, уыцы ӕцӕгад.
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.
Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххӕй, ӕмӕ сымахӕн Уӕларвон Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, уыдонӕн та нӕу лӕвӕрд.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.
Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат.
Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.
Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.
Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн.
Дзуары фӕдыл уазныхас кӕнын сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ ӕдылыдзинадыл нымайынц, фӕлӕ махӕн, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, уый Хуыцауы тых у.
Бардарӕджы [Йесо Чырыстийы] чи нӕ уарзы, уый ӕлгъыст у. Марана та!
Уымӕн ӕмӕ ахӕмтӕ сты мӕнгапостолтӕ, фӕлитой кусджытӕ, сӕхи ӕвдисынц афтӕ, цыма Чырыстийы апостолтӕ сты.
Ӕмӕ йӕ кусджытӕ дӕр рӕстады кусджытӕй сӕхи куы февдисынц, уӕд уый, чи никуы ӕрцыд, ахӕм хабар нӕу. Фӕлӕ сӕ кӕрон уыдзӕни сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.
Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.
Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.
Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.
Ӕмӕ, ӕцӕгадыл чи нӕ баууӕндыди, фӕлӕ тӕригъӕд чи бауарзта, уыдон се ’ппӕт дӕр уыдзысты тӕрхонгонд.
Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.
фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.
Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.
Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се ’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ, кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.
Уыдон кӕнынц схъӕл ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи монцты къӕппӕгӕй ахсынц, галиу фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ӕрӕджы чи фӕхицӕн, ахӕмты.