Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта ӕхсӕзыссӕдз таланты сыгъзӕрин, ӕнӕнымӕц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрбаласта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 9:9
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сӕ фыд Израил сын загъта: «Гъемӕ уӕдӕ афтӕ бакӕнут. Ацы зӕххы хуыздӕр хӕрзтӕй райсут ӕмӕ уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут ӕвдадз, мыд, хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, буд ӕмӕ ӕхсӕртӕ — фисташкӕтӕ ӕмӕ миндал.


Ӕмӕ Савайы ус-паддзах Соломонӕн балӕвар кодта сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты, тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕзнадуртӕ. Савайы ус-паддзах паддзах Соломонӕн цы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ балӕвар кодта, ахӕмтӕ уӕды онг никуыма ничи федта.


Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сахарты тыххӕй Соломонӕн Тирӕй ӕрбарвыста цъындыйы аргъ — сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты.


Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта.


Хирам ӕмӕ Соломоны кусджытӕ дӕр Офирӕй ӕрбаластой канд сыгъзӕрин нӕ, фӕлӕ ма зынаргъ хъӕдӕрмӕг алмуг ӕмӕ хӕзнадуртӕ дӕр.


Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се ’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ