Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 9:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Тӕхудиаг сты дӕ адӕм! Тӕхудиаг сты дӕ лӕггадгӕнджытӕ, ӕдзух дӕ разы чи лӕууы, дӕ уӕлзондмӕ дын чи хъусы!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 9:7
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.


Уыцы ныхӕстӕ мӕ нӕ уырныдтой, цалынмӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ сӕ мӕхи цӕстӕй федтон, уӕдмӕ. Дӕ куырыхон зонд, цы фехъуыстон, уымӕй дзӕвгар фылдӕр у. Ӕппӕт уыдӕттӕн мын се ’мбисы бӕрц дӕр нӕ радзырдтой.


Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, хӕрзаудӕн дын Чи кӕны ӕмӕ дӕ Йӕ паддзахы къӕлӕтджыны Чи сбадын кодта, цӕмӕй Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, паддзахиуӕг кӕнай! Дунедарӕг Израилы адӕмы кӕй уарзы, Йӕ зӕрды сӕ мыггагмӕ ӕрфидар кӕнын кӕй ис, уый тыххӕй дӕ сӕвӕрдта паддзахӕй, цӕмӕй сын рӕстаг тӕрхон кӕнай.


Сӕ хъуыддӕгтӕм ӕмӕ сӕ фыдмитӕм гӕсгӕ сын бафид; сӕ къухтӕй цы митӕ фӕкодтой, цӕй аккаг сты, уый сын ратт.


Рӕстуды ныхӕстӕ бирӕты хъахъхъӕнынц, зондцухты та се ’дылы зонд фесафы.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


уымӕн ӕмӕ уӕлзонд ӕвзистӕй пайдадӕр у, сыгъзӕринӕй фылдӕр ӕфтиаг ратты;


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад дӕ макуы ныууадзӕнт, дӕ хъуырыл сӕ бакӕн фӕрдгуытау, дӕ зӕрдӕйы тӕгтыл сӕ ныффыс, —


Чи мӕм хъусы, ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ къӕсӕрӕй чи нӕ хизы, мӕ дуарӕй мын йӕ цӕст чи нӕ исы, уый тӕхудиаг у!


Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».


Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕй, нӕ сӕ зонын, зӕгъгӕ, чи дзуры, йе ’фсымӕры чи нӕ нымайы, йӕ цоты чи нӕ хъуыды кӕны, уыдонӕн Дӕ дзырд сӕйрагдӕр у, Дӕ Фидыдӕй сын зынаргъдӕр ницы ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ