Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 йӕ дзаджджын фынгтӕ; йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц; йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ дзагдарты сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссы, уый дӕр, ӕмӕ йын фыр дисӕй улӕфт дӕр нал фаг кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 9:4
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

федта йын йӕ дзаг фынгтӕ, йӕ барджынтӕ цы агъуыстыты бадынц, лӕггадгӕнджытӕ аив дарӕсты куыд лӕггад кӕнынц, дзагдарты дӕр сӕ аив дарӕсты. Ноджы ма федта, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндоны цы иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссыны уаг ӕрӕвӕрдта, уый дӕр. Ӕмӕ йӕхи нал баурӕдта Савайы ус-паддзах.


Соломон сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хирамӕн зӕгъой:


«Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се ’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ.


Ноджы ма фехалын кодта, Кувӕндоны кӕрты сабаты ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн цы агъуыст сарӕзтой, уый, стӕй, паддзахӕн кӕрты ӕдде Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ цы бацӕуӕн уыд, уый дӕр (ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзт ӕрцыдысты ассириаг паддзахы сӕраппонд).


Ныронг дӕр сӕ мыггӕгтӕ хъалагъур хӕссынц Паддзахы кулдуары цур, Кувӕндоны скӕсӕнварс. Сӕ фыдӕлтӕ кӕддӕр уыдысты левитты рӕсӕнуӕтты хъахъхъӕнджытӕ.


Цӕуы ӕмӕ уыны: тӕккӕ бацӕуӕны, бӕрзонд ран, ног паддзах йӕ бынаты лӕууы. Йӕ разы — ӕфсады хицӕуттӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй цӕгъдджытӕ. Бӕстӕйы адӕм иууылдӕр цин кӕнынц ӕмӕ цӕгъдынц сӕ хӕтӕлтӕй, зарӕггӕнджытӕ та сӕ зӕлуадзӕнтимӕ кады зарджытӕ зарынц. Уӕд Атали йӕ уӕлӕдарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныцъцъӕхахст кодта: «Сусӕгвӕнд! Сусӕгвӕнд!»


Савайы ус-паддзах йӕхи цӕстӕй федта Соломоны куырыхон зонд, стӕй, цы галуан сарӕзта, уый;


Паддзахӕн загъта: — Мӕ зӕххыл дын дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дӕ куырыхон зонды тыххӕй цы фехъуыстон, уыдон ӕцӕг разындысты.


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй, байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!


«Рацӕут, мӕ минасӕй мын бахӕрут, бануазут, хъацӕнтӕ цы сӕныл ӕркодтон, уымӕй!


Йерусалимы чызджытӕ! Расомы кӕнут: мӕ уарзоныл мын куы сӕмбӕлат, уӕд-иу ын зӕгъут, фыр уарзтӕй мӕ туг кӕй байсысти!


Фӕлӕ адӕмы фӕтӕгӕн ис уыцы кулдуары цур бадыны бар ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, къӕбӕр аходыны бар. Ӕцӕг-иу мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуӕд кулдуары раз тыргъыл».


Фӕтӕг-иу бацӕуӕд кулдуары раз ӕддаг тыргъыл ӕмӕ-иу ӕрлӕууӕд кулдуары цӕджындзты раз. Сауджынтӕ-иу ын ӕрхӕссӕнт йӕ иууылсудзинаг ӕмӕ йӕ фидыды нывонд, уый та-иу кулдуары раз бакувӕд Дунедарӕгмӕ ӕмӕ рацӕуӕд. Кулдуар-иу изӕрмӕ ӕхгӕд ма ӕрцӕуӕд.


Дӕ цагъар йеддӕмӕ куы ницы дӕн, уӕд мӕ бон демӕ дзурын куыд суыдзӕн? Мӕ тых фесӕфти, мӕ бон улӕфын дӕр нал у».


фӕлӕ уын зӕгъын: суанг Соломон дӕр, уый бӕрц кадджын уӕвгӕйӕ, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ фӕлыста йӕхи.


Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.


Ӕмӕ Йӕ ӕз куы федтон, уӕд мардау Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн. Уӕд мыл Уый ӕрӕвӕрдта Йӕ рахиз къух ӕмӕ мын загъта: «Ма тӕрс. Ӕз дӕн Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг,


Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ