28 Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ зӕххы цъары ӕндӕр бӕстӕтӕй.
Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысыр ӕмӕ Кувӕйӕ. Уым-иу сӕ бӕлвырд аргъыл балхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ.
Соломонӕн бӕхтӕ ластой Мысырӕй, стӕй Кувӕйӕ дӕр. Уым сӕ асламдӕрӕй ӕлхӕдтой паддзахы сӕудӕджертӕ.
Тохуӕрдӕттӕ дӕр ластой Мысырӕй. Иу уӕрдонӕн йӕ аргъ уыди ӕвзисты ӕхсӕзсӕдӕ шекелы, иу бӕхӕн та — сӕдӕ фӕндзай шекелы. Соломоны сӕудӕджертӕ-иу дзы уый фӕстӕ хеттаг ӕмӕ сириаг паддзӕхтӕн дӕр ауӕй кодтой.
Соломонмӕ уыди цыппар мин бӕхдоны — бӕхтӕ ӕмӕ хӕцӕн уӕрдӕттӕн, дыууадӕс мины та йӕм уыди бӕхтӕ. Дардта сӕ, хӕцӕн уӕрдӕттӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдоны, сӕ иу хай та сын ныууагъта йӕхимӕ, Йерусалимы.
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!