27 Соломоны заманы ӕвзист Йерусалимы сарӕх ис хуымӕтӕг дурау, кедр та, хохрӕбын цы сикомортӕ зайынц, уыдонау.
Шефелайы оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ легъуи бӕлӕстӕм — гедераг Баал-Ханан, сойы ӕвӕрӕнтӕм та — Йоаш;
Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ иууылдӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд, ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты дзауматӕ дӕр иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыди, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы аргъ уыд.
«Агуыридуртӕ куы ӕркӕлой — лӕгъз дурӕй сӕ самайдзыстӕм, сикомортӕ сӕ рӕбынӕй куы акалой — кедртӕй сӕ баивдзыстӕм».
Амос Амациайӕн дзуапп радта: «Ӕз нӕ дӕн нӕдӕр пехуымпар, нӕдӕр — пехуымпары фырт. Ӕз уыдтӕн фыййау ӕмӕ зылдтӕн сикомортӕм.
Уӕд азгъордта размӕ ӕмӕ Йӕ кӕд афтӕмӕй фенин, зӕгъгӕ, легъуи бӕласмӕ схызти, уымӕн ӕмӕ Йесойӕн Йӕ фӕндаг ууылты уыди.