Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 9:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Соломон ын йӕ алы фарстӕн дӕр дзуапп радта, йӕ фӕрстытӕй йын иу дӕр зынӕмбарӕн нӕ уыд ӕмӕ ӕнӕ дзуаппӕй нӕ баззад.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 9:2
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн.


Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.


Соломон ахӕм номдзыд сси, ӕмӕ йӕ кой суанг Савайы ус-паддзахмӕ дӕр байхъуыст. Уый йӕм, уыци-уыцитӕй йӕ бафӕлварынмӕ, йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтимӕ ӕрбацыди Йерусалиммӕ. Теуатыл ын ӕрбаласта бирӕ лӕвӕрттӕ: хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин ӕмӕ зынаргъ дуртӕ. Соломонмӕ куы бацыд, уӕд йемӕ, цӕуыл ӕй фӕндыд, уыдӕттыл фӕныхас кодта.


Савайы ус-паддзах йӕхи цӕстӕй федта Соломоны куырыхон зонд, стӕй, цы галуан сарӕзта, уый;


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Адӕймаджы ныхӕстӕ — арф доны ’нгӕс; уӕлзонды донгуырӕн цӕугӕдонау кӕлы.


Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы,


Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та алцыдӕр хибарӕй ӕмбарын кодта.


Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.


Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ