13 Соломонмӕ ӕрвылаз цы сыгъзӕрин ӕфтыд, уымӕн йӕ уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз таланты.
Хирам ын уырдӕм арвыста наутӕ, стӕй фӕлтӕрдджын наудзогты. Уыдон паддзах Соломоны адӕмимӕ наутыл аленк кодтой Офирмӕ, ӕрбаластой цыппарсӕдӕ фӕндзай таланты сыгъзӕрин ӕмӕ йӕ Соломонмӕ фӕхӕццӕ кодтой.
Паддзах Соломон йӕхӕдӕг дӕр Савайы ус-паддзахы йӕ лӕвӕрттӕй сбуц кодта, ноджы ма йын радта, йӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр загъта ӕмӕ дзы йӕхи дзыхӕй цы ракуырдта, уыдон дӕр. Ӕмӕ Савайы ус-паддзах йӕ фӕсдзӕуинтимӕ сӕхимӕ аздӕхти.
Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ, рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой.
Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!
Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин.