Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 8:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 8:5
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ ныр Соломон ногӕй рацарӕзта Гезеры сахар. Ноджы ма рацарӕзта сахартӕ дӕллаг Бет-Хорон


Ефремӕн уыди чызг дӕр — Шеера. Уый сарӕзта ӕртӕ сахары: Дӕллаг Бет-Хорон, Уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ Уззен-Шеера.


Ӕмӕ иудейӕгтӕн загъта: «Саразӕм ацы сахартӕ ӕмӕ сын сӕ алыварс бырутӕ самайӕм, мӕсгуытӕ, кулдуӕрттӕ ӕмӕ ӕвдузӕнтимӕ. Ацы зӕхх нырма нӕхи у, уымӕн ӕмӕ мах ӕрцагуырдтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ӕмӕ нӕ Уый дӕр алырдыгӕй сӕдас кодта». Афтӕмӕй аразын райдыдтой ӕмӕ уыдысты ӕнтыстджын.


Ноджы ма рацарӕзта Тадморы сахар, ӕдзӕрӕг быдыры чи ис, уый, стӕй, Хаматы зӕххыл ӕфтауцуатӕн цы сахартӕ сарӕзта, уыдон.


Рацарӕзта Баалаты сахар, стӕй йӕ иннӕ сахартӕ иууылдӕр: иуты дардта йӕ хӕлц, иннӕты — йӕ тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, йӕ зӕрды цыдӕриддӕр уыди, уыдон.


ӕмӕ дарддӕр ныгуылӕнӕрдӕм ӕрхызти йафлетӕгты ӕмӕ Дӕллаг Бет-Хороны зӕххытӕм, стӕй Гезермӕ, аххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызы онг.


Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ