Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Афтӕ Соломон фӕци йӕ куыст, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сарӕзта. Уыйадыл Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт ӕрцыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 8:16
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕрдгӕ та сӕ кодтой Соломоны ӕмӕ Хирамы кусджытӕ, стӕй — гевалӕгтӕ. Ноджы ма цӕттӕ кодтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ ӕндӕр дуртӕ дӕр Кувӕндон аразынӕн.


Афтӕмӕй, Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрдта йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм азы дыккаг мӕйы, зивы мӕйы,


арӕзт та йӕ фӕци иуӕндӕсӕм азы ӕстӕм мӕйы, булы мӕйы. Кувӕндон арӕзт фӕци йе ’ппӕт агъуыстытимӕ, куыд хъуыди, афтӕ. Соломон ӕй фӕцарӕзта ӕнӕхъӕн авд азы.


Кувӕндон арӕзт цыди цӕттӕкарст дуртӕй, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр дзӕбуджы, нӕдӕр сарты, нӕдӕр ӕндӕр исты ӕфсӕн кусӕнгарзы хъӕр хъуыст.


Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт.


Уӕд Соломон ацыди Ецион-Гевермӕ ӕмӕ, денджызы былгӕрон чи ис, уыцы Елоты сахармӕ, Едомы зӕхмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ