15 Сауджынтӕ ӕмӕ левитты, стӕй хӕзнадоны тыххӕй Давид цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдонӕй иу мисхалы бӕрц дӕр иуварс ничи ахызт.
Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ алы дзауматӕ снывонд кодта, уыдон ӕмӕ сӕ бафснайдта Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнадӕтты.
Иннӕты къухы уыдысты Кувӕндоны иннӕ мигӕнӕнтӕ, стӕй ӕвзаргӕ ссад, сӕн, сой, буд ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Дунедарӕг Иудейы цӕрджытыл Йӕ арм дардта, иу зондахаст сын радта, ӕмӕ сӕххӕст кодтой, паддзах ӕмӕ сын йӕ барджынтӕ Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ цы бардзырд радтой, уый.
Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Афтӕ Соломон фӕци йӕ куыст, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн бындур сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сарӕзта. Уыйадыл Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт ӕрцыд.