2 Азфыстытӕ 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст12 Соломон Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын райдыдта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта.