Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 8:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фараоны чызджы Соломон ракодта Давиды сахарӕй ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзта, уыцы галуаны. Загъта: «Сылгоймагӕн Израилы паддзах Давиды галуаны цӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у: йӕ заманы ам лӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырын».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 8:11
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты.


Цӕргӕ цы хӕдзары кодта, уый уыди йӕ тӕрхондоны фӕсте, ӕндӕр кӕрты, ӕмӕ уый дӕр конд ӕрцыд йӕ тӕрхондоны хуызӕн. Соломон йӕ усӕн, фараоны чызгӕн, цы хӕдзар сарӕзта, уый дӕр афтӕ.


Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.


Соломонӕн йӕ кусӕг адӕмы сӕргъы лӕууыди дыууӕсӕдӕ фӕндзай цӕстдарӕджы.


Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз.


Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.


«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!


Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ