Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 7:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 7:6
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ та Хуыцауы раз фыр цинӕй кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ цагътой хъисфӕндыртӕй, дыууадӕстӕнонтӕ, далатӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕтӕлтӕй.


Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн.


Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


Езекиа иууылсудзинӕгтӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕвӕрын кодта, ӕмӕ сыл арт куы бандзӕрстой, уӕд зарӕггӕнджытӕ Дунедарӕджы кадӕн ныззарыдысты, хӕтӕлтӕй ӕмӕ, Израилы паддзах Давид кӕй саразын кодта, ахӕм зӕлуадзӕнтӕй цагътой, афтӕмӕй.


Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се ’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой.


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Израилӕгтӕ, арвӕй арт ӕрцыд, Кувӕндон та Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис, уый куы федтой, уӕд дурын астӕрдыл ныддӕлгом сты. Дунедарӕгмӕ бакуывтой ӕмӕ Йӕ стыдтой: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.


Цӕмӕй Хуыцауӕн Йерусалимы лӕггад кӕной, уый тыххӕй сауджынты, кӕмӕн цы ран ӕмбӕлы, уым ӕрлӕууын кодтой, левитты та сӕ радмӕ гӕсгӕ, Моисейы чиныджы куыд амынд ис, афтӕ.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Куы ссӕуон арвмӕ — Ды уым дӕ, мӕрдтыбӕстӕм куы ныххизон — уым дӕр Ды.


Фехстай мӕ ӕнӕбын сӕрсӕфӕнмӕ, сау дӕлдзӕхмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Мӕ адӕм бамбардзысты, Ӕз Чи дӕн, уый. Базондзысты, кӕддӕр Йӕ ном „Ӕз дӕн“ Чи схуыдта, Уый Ӕз кӕй дӕн!»


Сыкъауадындз куыддӕр ныууаса ӕмӕ йӕ куыддӕр фехъусат, афтӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ӕмхъӕр ныккӕнӕнт, ӕмӕ сахары систӕ бындзарӕй афӕлдӕхдзысты. Уӕд, сахарыл цы адӕм ӕрхъула кодтой, уыдон мидӕмӕ бабырсӕнт, алчидӕр сӕ, кӕм ис, ууылты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ