Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 7:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ бон Дунедарӕджы номыл аргӕвстой кусӕрттӕгтӕ ӕмӕ Йын ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ: мин галы, мин фысы ӕмӕ мин уӕрыччы, уыдонимӕ — сӕн. Аргӕвстой ма бирӕ ӕндӕр кусӕрттӕгтӕ дӕр ӕппӕт Израилы номӕй.


Соломон, Фембӕлды Цатыры раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн лӕууыд, уымӕ ссыди ӕмӕ уым, Дунедарӕджы раз, ӕрхаста мин иууылсудзинаг нывонды.


Уымӕй размӕ цы ӕфтиаг райстой, уымӕй семӕ ӕрбаластой авдсӕдӕ стуры ӕмӕ авд мин фысы ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхастой.


Ныр ӕз та Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, кадӕн аразын Кувӕндон, цӕмӕй Йӕ разы буд судзон ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕдзухдӕр афойнадыл ӕвӕрон кувӕггаг дзултӕ; цӕмӕй Йын сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр хӕссон иууылсудзинаг нывӕндтӕ, Израилы адӕмӕн мыггагмӕ куыд бафӕдзӕхстӕуыд, афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ ма сын Иудейы паддзах Езекиа мин галы раттын кодта, авд мины та — лыстӕг фос. Барджынтӕ дӕр сын мин галы рахицӕн кодтой, дӕс мины та — лыстӕг фос. Сауджынтӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Паддзах Соломон ӕмӕ ӕгас Израилы дзыллӕ та, паддзах кӕмӕ фӕсидти, уыдон, Фидыды Чырыны раз стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй уый бӕрц нывӕндтӕ хастой, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нал уыди.


Паддзах ӕмӕ ӕппӕт адӕм Дунедарӕджы раз ӕрхастой нывӕндтӕ.


Сауджынтӕ ӕххӕст кодтой сӕ хӕстӕ, левиттӕ дӕр сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты, кӕддӕр Давид Дунедарӕджы стауынӕн кӕй саразын кодта, уыцы зӕлуадзӕнтимӕ. Уыдон дӕр ӕй Давидау стыдтой: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Сауджынтӕ сӕ разы хӕтӕлтӕй цагътой, Израилы адӕм та уырдыг лӕууыдысты уыцы ран.


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕрдӕ мингай фыстӕй кӕнӕ оливӕйы сойы цӕугӕдӕттӕй чи балхӕндзӕн? Мӕ фыдракӕнд ныббарыны охыл мӕ фыццаг зӕнӕджы тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссон, мыййаг?


Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты,


Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон. Уыди зымӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ