2 Сауджынтӕн сӕ бон нӕ уыди Кувӕндонмӕ бацӕуын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы кадӕй дзаг уыди.
Сауджынтӕ куыддӕр Кувӕндонӕй рацыдысты, афтӕ ӕврагъ байдзаг кодта Дунедарӕджы хӕдзар.
Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.
Сауджынтӕн сӕ бон нал уыди сӕ уаз лӕггад дарддӕр хӕссын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар байдзаг ис Дунедарӕджы кадӕй.
Мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр лӕууы Дӕ фӕдзӕхст: «Ме ссарынмӕ тырнут!» Ӕмӕ ӕз ӕдзухдӕр тырнын Дӕумӕ, о Дунедарӕг!
Пиллӕттӕ уадзӕг артау зынди хохы сӕрӕй Дунедарӕджы кад израилӕгтӕм.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Кувӕндон байдзаг ис Хуыцауы кад ӕмӕ тыхы фӕздӕгӕй, ӕмӕ Кувӕндонмӕ бацӕуын никӕй бон уыдис, цалынмӕ авд зӕдӕн сӕ авд рыны фӕуой, уӕдмӕ.