Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 7:16
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй Мӕ номыл уым хӕдзар арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы Мӕ ном цӕра, ӕмӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы сӕргъы».


Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ сын уый тыххӕй арв йе ’ртах нал дӕтты, зӕгъгӕ, уӕд Дын Дӕ къухы цӕф куы бамбарой ӕмӕ сӕ тӕригъӕдыл куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Дын, ацы Кувӕндонмӕ се ’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн кад куы скӕной ӕмӕ Дӕм куы скувой,


Дӕ адӕм Дӕ амынд фӕндагыл фыдгулимӕ схӕцынмӕ куы рацӕуой ӕмӕ, Дӕхицӕн цы сахар равзӕрстай ӕмӕ Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се ’ргом раздахгӕйӕ, Дӕумӕ куы скувой, Дунедарӕг,


Гъемӕ сӕ уацары чи акодта, уыцы фыдгулты зӕххыл Дын сӕ уд, сӕ зӕрдӕ куы снывонд кӕной, се ’ргом куы саразой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх саккаг кодтай, Дӕхицӕн цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ,


ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.


Дунедарӕг Йерусалимы Йӕхи номыл цы Кувӕндон саразын кодта, уым Менассиа ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ.


Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.


Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг раргом ис Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ куывд фехъуыстон. Ӕз ацы бынат равзӕрстон, цӕмӕй ам нывӕндтӕ хӕссой.


Ацы бынатӕй Мӕм чидӕриддӕр скува, уымӕ Ӕз ӕркӕсдзынӕн, йӕ куывдмӕ йын байхъусдзынӕн лӕмбынӕг.


Ды та Мын дӕ фыд Давидау куы лӕггад кӕнай, цы дын бафӕдзӕхстон, уыдон иууылдӕр куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай,


Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!»


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уый дӕм дард куы уа, уӕд, куыд дын загътон, афтӕ дӕхи сахары аргӕвд, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн цы стуртӕ ӕмӕ фысвос радта, уыдонӕй ӕмӕ хӕр дӕ фаг.


Цин кӕн Йӕ разы, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Йӕ номыл цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ, ноджы ма, уе ’хсӕн чи ӕрбынӕттон, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕ, стӕй сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕ.


Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ