Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 7:14
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста.


Иудейӕгтӕ алы сахартӕй ӕрӕмбырд сты Дунедарӕгӕй ӕххуыс курынмӕ, Дунедарӕджы бафӕрсынмӕ.


уӕд-иу Ды уӕларвӕй уыцы куывд фехъус ӕмӕ-иу Дӕ лӕггадгӕнджытӕн, Дӕ адӕм Израилӕн, сӕ тӕригъӕд ныббар. Раст фӕндагыл-иу сӕ сараз ӕмӕ-иу, Дӕ адӕмӕн исбонӕн кӕй радтай, уыцы зӕххыл къӕвдайы ’ртах ӕруадз.


уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс.


уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн йӕ курдиат. Афтӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты Дӕ ном ӕмӕ Дын аргъуыц кӕндзысты Дӕ адӕм Израилау. Уадз ӕмӕ зоной, ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уый кӕй хӕссы Дӕ ном.


Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн — сӕ хъару, Йӕ ’взӕрстӕн — йӕ ныфсы мӕсыг, йӕ ирвӕзынӕнӕг.


О Хуыцау, фехъус мын ме ’рдиаг! Айс мын мӕ куывд!


Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.


Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.


«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ систӕм ахӕм адӕм, цыма Ды никуы уыдтӕ нӕ паддзах, цыма Дын мах никуы зыдтам Дӕ ном.


Рохст лӕджы, фервӕзын кӕнын нӕ йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм хӕстоны хуызӕн цӕмӕн сдӕ? О Дунедарӕг, не ’хсӕн куы цӕрыс, Дӕ ном ныл куы сӕвӕрдӕуыд! О, ма нӕ ныууадз, курӕм!


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


Ау, Галаады ӕвдадзы хос нӕй? Ау, иу дохтыр дзы нал ис? Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕн сдзӕбӕхы амал цӕуылнӕ ис?»


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Адӕймаджы фырт! Дӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Рӕстгӕнӕджы йӕ рӕстад нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд куы сараза, уыцы бон, фыдгӕнӕг та йӕ раздӕры фыдракӕндты тыххӕй нӕ бабын уыдзӕн, куы сӕ ныууадза, уӕд; рӕстгӕнӕг дӕр, тӕригъӕд ми куы ракӕна, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн.


Афтӕ Мын арӕнт Мӕ ном израилӕгты сӕраппонд, ӕмӕ сыл Ӕз Мӕ арфӕ ӕруадздзынӕн».


Бардарӕг ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст йӕ ном кӕмӕн у, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном — Савл. Уый у Тарсы сахарӕй; ныр кувгӕ кӕны.


Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ